Рухс федта чиныг «Дыгурон адæмон сфæлдыстад»

Ирыстоны, адæмон сфæлдыстады тыххæй æрмæджытæ æмбырдгонд цыд æртынæм азты, фæлæ цæмæдæр гæсгæ дыгурон адæмон сфæлдыстад мыхуыры нæ рацыд. Уыцы хъуыддаг сраст кæныныл, фынддæс азы фæкуыстой Скъодтаты Эльбрус æмæ Къибирты Амурхан.
«Дыгурон адæмон сфæлдыстады» автортæ тынг арфиаг сты УФ-йы нывгæнджыты уæнг Соскъиты Михалæй, тынг зæрдиагæй сын баххуыс кодта, чиныг царды рауадзынæн. Сфæлдыстад уарзджытæ йæ айстой стыр лæварæн.
Чиныг арæзт у дыууæ хайæ, адæмон поэзи æмæ фольклорон прозæ. Ис дзы æхсæз сæдæ сыфы. Чиныгкæсджытæ дзы банкъарынц рагон ныхасы фарн.
Чиныг инæттæй хицæн кæны йæ бирæвæрсыг æмæ æрмæджытæй. Ахæм сæргондимæ адæмон сфæлдыстады хъæздыгдзинæдты æмбырдгон фыццаг хатт рацыд. Цымыдиссаг куыд филологон кусджытæн афтæ хуымæтæг чиныгкæсджытæн дæр.
Кæд ма нæ культурæйы хъæздыгдзинæдтæ раиртасыныл бирæ кусын хъæуы, уæддæр ацы чиныджы цы цымыдиссаг хабæрттæ ис, уыдон æхсæнадмæ рахасын уыд ахсджиаг хъуыддаг. Йæ чиныг кæсæгмæ та æнхъæлмæ кæсы Маркусы уынджы чингуыты хæдзары.

ГТРК «Алания»
  • 0
  • 3 651

Добавить комментарий