Абон у мадæлон æвзаджы бон

Нысангонд æрцыд ЮНЕСКО-йы Генералон конференцийы хъæппæрисæй 1999-æм азы 17 ноябры. Бæрæг кæнын та йæ райдыдтой 2000-æм азы февралæй фæстæмæ. Йæ нысан у национ культурæ æмæ мадæлон æвзæгты рæзтыл кусын. Уæрæсейы цæры 160 адæмы хатты. Уыдон дзурынц 120 æвзагыл. Се хсæн ис ирон æвзаг дæр.

Владислав Федин: «Мæнæн мæ ном хуыйны Владислав Федин, цæуы мыл 5 азы æмæ тагъд бацæудзынæн скъоламæ».
Чысыл Владиславæн йæ мадæлон æвзаг у уырыссаг. Фæлæ тынг хорз дзуры иронау дæр. Уый дæнцæгæн исинаг у бирæ æндæр сабитæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй æвзаг базонынæн бындур æвæрд æрцæуы бинонты, стæй та уæд рæвдауæндоны æмæ скъолайы. Владиславы ныййарджытæ бацархайдтой, цæмæй Ирыстоны цæргæйæ лæппу зона ирон æвзаг дæр.
Дзæуджыхъæуы прогимназ «Интеллект»-ы хъомылгæнинæгтæй дыууæ къорды ахуыр кæнынц эксперименталон программæмæ гæсгæ. Ахуыры процесс цæуы æртæ æвзагыл – ирон, уырыссаг æмæ англисаг.
Ацы сываæллæттæ нæма æмбарынц мадæлон æвзаг царды ахсджиаг бынат кæй ахсы, фæлæ йын ныридæгæн фидар бындур æвæрынц
Февралы райдайæны арæзт æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон советы Президиумы æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта нæ бæстæйы президент Дмитрий Медведев. Æрныхас кодтой нациты хсæн хæлар ахастдзинæдтæ парахат кæныны фарстатыл. Се хсæн уыд мадæлон æвзæгтæ бахъахъхъæныны проблемæ дæр.

Хъамболты Тамерлан, ЮНЕСКО-йы кафедрæйы сæргълæууæг: «Нырæй фæстæмæ уымæ цæстдард цæудзæн куцыд федералон проблемæмæ, федералон фарстамæ. Чи зоны, æмæ уыцы фарстатæ царды куы рауадзой, уæд махмæ дæр фæзындзæн ног фæрæзтæ, мадзæлттæ æмæ не взаджы рæзтыл кусынæн ног фадæттæ фæзындзæн æмæ фарстатæ лыггонд æрцæудзысты».
Фæлæ федералон программæмæ не нхъæлмæгæсгæйæ ирон æвзаджы уавæрыл сæрмагондæй кусынц нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады дæр.

Моурауты Маринæ, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министрады национ хайады хицау: «Тынг архайæм, цæмæй ацы аз уырыссаг къордты цы сывæллæттæ ахуыр кæны, уыдонæн 1-æй 11-æм къласы онг рауадзæм чингуытæ. Хъыгагæн афтæ æрцыд, æмæ ахуыр кодтой æрмæстдæр 3 чиныгæй. Фæлæ ацы аз афтæ бауынаффæ кодтам, æмæ сæ цæмæй сифтонг кæнæм чингуытæй æмæ дзы зæрдæрайгæйæ кусой».

Æппæт ацы мадзæлтты руаджы бантысдзæн бахъахъхъæнын канд мадæлон æвзаг нæ, фæлæ ма сывæллæттæм сæвзæрдзæн цымыдисдзинад нæ культурæ æмæ традицитæм.

ГТРК «Алания»
  • 0
  • 3 606

Добавить комментарий