Клип ансамбля «ӃОНА» (Къона)



Исполнители:
Таму Берозти
Давид Батагати
Вадим Дзаболати
Олег Тотойти
Альберт Тогойти
Нати Тедети

Оператор и режиссёр — Ян Югай

Гуры дзандартæ куы рацæуынц —
Зилынц кæмтты цъалаты.
Гъей, мæ дуне,
Уæд зилынц кæмтты цъалаты.

Лаврент сæм рагъæй афтæ дзуры:
«Ме ’рдæм ма рацæут фалæты».
Гъей, мæ дуне,
«Ме ’рдæм ма рацæут фалæты».

Тыбылы-фырт æм афтæ дзуры:
«Æз абон мæ туг райсдзынæн».
Гъей, мæ дуне,
«Æз абон мæ туг райсдзынæн».

Дзераны-фырт æм афтæ дзуры:
«Ды мурдæр ницы райсдзынæ».
Гъей, мæ дуне,
«Ды мурдæр ницы райсдзынæ».

Тыбылы-фырт æй уæд куы фехста —
Йæ галиу фæрсты ацыди.
Гъей, мæ дуне,
Йæ галиу фæрсты ацыди.

Дзераны-фырт æй рагъæй рыхста,
Йæ рахиз цонг ныппырх и.
Гъей, мæ дуне,
Йæ рахиз цонг ныппырх и.

Дзандартæ Тыбылы-фыртыл фесты,
Лавренти та — тар хъæдмæ.
Гъейтт-мардзæ, ирон сахъ цæргæс,
Дзераны-фырт Лавренти.
  • 0
  • 3 566

Добавить комментарий